25 Рӕдау зӕрдӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух нӕ уыдзӕн; искӕмӕн йӕ дойны чи басӕтта, уый йӕхӕдӕг дӕр дойныйӕ нӕ амӕлдзӕн.
Давид ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕрбаластой хуыссӕнгӕрзтӕ, къустӕ, дурын мигӕнӕнтӕ, стӕй мӕнӕу, хъӕбӕрхор, ссад, цӕкуытӕ, хъӕдур, тъӕпӕн хъӕдур,
Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.
Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.
ӕмӕ дӕ къӕбицтӕ уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ уыдзысты, ног сӕн дӕ сӕндуцӕнты сӕрты акӕлдзӕн.
Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,
Ӕууӕнкджын лӕгӕн та йӕ фӕндтӕ дӕр ӕфсармджын сты. Алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг у йӕ цӕсгом.
Тӕхудиаг сты баронтӕ — Хуыцау сын сӕхицӕн дӕр ныббардзӕн.