24 Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.
ӕмӕ йын алчер Азариа, Цадокы байзӕддаг, дзуапп радта: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ хуынтӕ хӕссын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ хӕрдхъуаг никуы уыдыстӕм, стӕй дзы тынг бирӕ баззади, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый бӕрц бӕркад нӕм уымӕн ӕрӕмбырд ис».
ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа!
Фыдгӕнӕгӕн йӕ хӕрзиуӕг мӕнг у, рӕстдзинад чи тауы, уый ӕцӕг хӕрзиуӕг райсдзӕнис.
Рӕстудты бӕллицтӕ фарн хӕссынц, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ зӕрдӕдарӕн маст расайдзӕн.
Рӕдау зӕрдӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух нӕ уыдзӕн; искӕмӕн йӕ дойны чи басӕтта, уый йӕхӕдӕг дӕр дойныйӕ нӕ амӕлдзӕн.
Иуӕй-иу йӕхицӕй хъӕздыг аразы, афтӕмӕй йӕм мур дӕр ницы ис, кӕмӕндӕр та йӕ исбон — бирӕ, фӕлӕ йӕхи мӕгуыр хоны.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.
Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.
Сӕумӕрайсом-иу мыггаг тауынмӕ рацу, изӕрыгон дӕр дӕ фӕллад ферох кӕн, уымӕн ӕмӕ тауын кӕд хуыздӕр у, уый нӕ зоныс. Чи зоны, изӕр дӕр ӕмӕ райсом дӕр, цы байтыдтай, уымӕй дӕхицӕн исты спайда кӕнай, чи зоны та ӕрмӕст изӕрӕй кӕнӕ райсомӕй.
сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты.
Зӕгъут-ма уӕдӕ, адӕймагӕн Хуыцауӕй давын ӕмбӕлы? Сымах та Мӕ давгӕ кӕнут. Зӕгъдзыстут Мын: «Цы Дӕ давӕм?» Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ.
Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».
Цас дӕ куры, уый бӕрц ын зӕрдӕхӕларӕй ратт, ӕмӕ Дунедарӕгӕй, Дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕни дӕ алы хъуыддаг, дӕ алы куыст дӕр.