Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 11:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Рӕстудты бӕллицтӕ фарн хӕссынц, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ зӕрдӕдарӕн маст расайдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 11:23
16 Iomraidhean Croise  

Додойаг у мӕ сӕр: Мешехы зӕххыл, Кедары цатыры астӕу, мӕ царды бонтӕ ӕрвитын!


Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.


Дӕ азарӕй мӕ буарыл ӕгас бынат нал баззад; мӕ тӕригъӕдты фыдӕй ме стджыты рыст нал ӕнцайы.


Рӕстудӕн йӕ зӕрдӕдарӕн цин хӕссы, ӕнӕхуыцауӕн йӕ бӕллицтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты.


Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.


Ӕнӕхуыцауӕн йӕ зӕрдӕдарӕн йемӕ амӕлдзӕн, фыдгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ баззайдзысты.


Раст адӕймаг хъуыды кӕны рӕстдзинадыл, ӕнӕхуыцау та фыдвӕндтӕ аразы.


Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, мӕнгард лӕг та тыхмийӕ цӕры.


Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.


Зоныс ӕй, ӕз Дӕумӕ фыййауӕй кусынмӕ нӕ бӕллыдтӕн, бӕллӕхы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кастӕн. Мӕ дзыхӕй цы ссыди, уыдӕттӕ Дын ӕргом сты.


Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.


ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр баззади тӕрхонмӕ, стӕй, Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕ мыггагмӕ цы ӕвирхъау арты амӕттаг фӕуыдзысты, уымӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan