22 Хуыйӕн йӕ бырынчъы сыгъзӕрин хъусцӕг куы бакӕнай, раст уый ӕнгӕс у рӕсугъд ӕмӕ ӕнӕзонд сылгоймаг.
Ӕз ӕй бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?“ Ӕмӕ мын дзуапп радта, Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ын йӕ фындзыл бакодтон фындзцӕг, йӕ къухтыл та — цонгдарӕнтӕ.
Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.
Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.
Зӕрдӕскъӕфӕн хуыз сайаг у, рӕсугъддзинад тагъд ивгъуыйы, фӕлӕ Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймаг стауыны аккаг у.
Уалынмӕ дын йӕ размӕ иу сылгоймаг хӕтаг сылы дарӕсы рацӕуы —
Ӕдылыдзинад у ӕнӕзонд, хъӕргӕнаг ӕмӕ ӕнӕфенд сылгоймаджы ’нгӕс.
Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ» ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».