Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 11:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 11:21
15 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ дӕумӕ ӕнӕхуыцӕутты зондахаст ис: хъуыды кӕныс тӕрхон ӕмӕ тӕрхоныскъуыдыл.


Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.


Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн.


Фӕлитойтӕ Дунедарӕгӕн ӕлгъаг сты, раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдон та — ӕхцон.


Хуыйӕн йӕ бырынчъы сыгъзӕрин хъусцӕг куы бакӕнай, раст уый ӕнгӕс у рӕсугъд ӕмӕ ӕнӕзонд сылгоймаг.


Раст адӕймагыл фыдбылыз не ’рцӕудзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цард — фыдбылызтӕй йедзаг.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Дунедарӕгӕн ӕнӕввӕрсон зӕрдӕ ӕлгъаг у, ӕнӕ ’фхӕрдӕй йӕ, бӕлвырд, нӕ ныууадздзӕн.


Мӕ маст ӕм ссыди, фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон, уӕд сӕ срӕдувдзынӕн, бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.


Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд.


Сӕ устытӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй судзынц, уый цы нӕлгоймӕгтӕ зыдтой, стӕй, уыцы ран цы сылгоймӕгтӕ лӕууыдысты, уыдон ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, мысыраг Патросы цӕрджытӕ, Йеремиайӕн дзуапп радтой:


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan