16 Хӕрзӕгъдау сылгоймаг — кадджын, куыстуарзаг лӕг — хъӕздыг.
Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.
Йӕ цот сыстынц ӕмӕ йӕ сыстауынц, йӕ сӕрыхицау дзы ’ппӕлынӕй не ’фсӕды:
Рӕстӕй цӕрын нӕ зонынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — тыхми ӕмӕ стигъыны фӕрцы сӕ галуантӕ алы хӕзнатӕй байдзаг сты.
Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фарны Уац ӕппӕт дунейы кӕмдӕриддӕр айхъуыса, уым-иу, ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн, цы сарӕзта, уый кой ракӕндзысты».
хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».
Хузайы ус Иоаннӕ — Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; уыдонимӕ ма — Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Се ’ппӕт дӕр сӕхи хардзӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.
Саламтӕ — сымах тыххӕй уый бӕрц бафыдӕбонгӕнӕг Мариайӕн.
Хистӕрӕй — Хуыцауы ӕвзӕрст ӕхсинмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм, ӕрмӕст ӕз нӕ, фӕлӕ ӕцӕгад базонджытӕ се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй кӕй уарзынц, уыдонмӕ.
Давиды дӕлдӕртӕ ссыдысты Кармелы сахармӕ, Авигеамӕ, ӕмӕ йын загътой: «Давид нӕ дӕумӕ рарвыста, кургӕ дӕ кӕны».