Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 11:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны, ӕууӕнкджын адӕймаг — ӕдзӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 11:13
14 Iomraidhean Croise  

Бирӕ чи дзуры, уый тӕригъӕдӕй йӕхи нӕ бахиздзӕн, йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый зондджын у.


Ӕдылы йӕ хионы сӕгад кӕны, фӕлӕ зондджын ницы сдзуры.


Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы, зондцух та йе ’дылыдзинад равдисы.


Рӕстӕвдисӕн сайгӕ нӕ кӕны, мӕнгӕвдисӕн мӕнгдзинадӕй улӕфы.


Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.


Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны — дзӕгъӕлдзыхӕй дӕхи хиз.


Дӕ хионимӕ тӕрхон кӕн ӕрмӕст дӕхи хъуыддаджы фӕдыл, искӕй сусӕгдзинад ма раргом кӕн, науӕд, чи дӕ фехъуса, уый дын дӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн, ӕмӕ фидиссаг фӕуыдзынӕ.


Уӕздӕттӕ иууылдӕр Йеремиамӕ ӕрбацыдысты. Рафӕрс-бафӕрс ӕй фӕкодтой, ӕмӕ сын уый, паддзах ын цы бафӕдзӕхста, уый загъта. Уӕд ӕй уыдон ницӕмӕйуал бафарстой, уымӕн ӕмӕ, сӕ ныхасы сӕр цӕуыл уыди, уымӕн ничи ницы зыдта.


Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ.


Сгарджытӕ йын загътой: «Хуыцауы фыдӕх нӕ баййафӕд, искӕй сӕрӕй уӕ ӕрду дӕр куы ӕрхауа, уӕд. Ӕрмӕст ам кӕй стӕм, уый ма схъӕр кӕнут. Дунедарӕг нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, хорзы дын бацӕудзыстӕм».


Фӕлӕ нӕ куы ауӕй кӕнай, уӕд сӕрибар уыдзыстӕм, цы ард дын бахордтам, уымӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan