Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 11:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕдылы йӕ хионы сӕгад кӕны, фӕлӕ зондджын ницы сдзуры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 11:12
15 Iomraidhean Croise  

Адӕм ӕм иууылдӕр хъуыстой ӕдзӕмӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ.


Бирӕ чи дзуры, уый тӕригъӕдӕй йӕхи нӕ бахиздзӕн, йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый зондджын у.


Рӕстгӕнджыты арфӕтӕй сахар сырӕзы, ӕнӕхуыцӕутты ’взаг та йӕ ныппырх кӕны.


Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны, ӕууӕнкджын адӕймаг — ӕдзӕм.


Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.


Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.


Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.


Йӕхи раст чи хуыдта ӕмӕ иннӕты та чи ницӕуыл нымадта, уыдонӕн та Йесо ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд:


Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.


Уӕд ын Зевул афтӕ зӕгъы: «Ӕмӕ дӕхӕдӕг афтӕ нӕ дзырдтай, Авимелех чи у ӕмӕ йын цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ? Уӕртӕ сты, дӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссыс, уыцы адӕм. Цу ӕмӕ схӕц семӕ!»


Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan