Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 11:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Рӕстуд ӕнтыстджын куы вӕййы, уӕд сахар цин фӕкӕны; ӕнӕхуыцӕуттӕн се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд цины хъӕртӕ райхъуысынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 11:10
14 Iomraidhean Croise  

Афтӕмӕй Иудейы адӕм бӕрӕгбоны цинтӕ кодтой. Сахармӕ ӕрцыд удӕнцойы заман. Ныр Аталийы та паддзахы галуаны амардтой кардӕй.


Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»


Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кодтой. Аталийы куы амардтой, уый фӕстӕ сахары ралӕууыди сабыр заман.


Адӕм-иу сӕ къухтӕ кӕрӕдзиуыл ныкъкъӕрц ласдзысты, къуыззитт кӕндзысты, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.


Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»


Рӕстгӕнджыты арфӕтӕй сахар сырӕзы, ӕнӕхуыцӕутты ’взаг та йӕ ныппырх кӕны.


Рӕстуды цинӕй алкӕй зӕрдӕ райы; ӕнӕхуыцау бӕрзонд бынатмӕ куы схизы, уӕд та адӕм ӕмбӕхсгӕ бакӕнынц.


Ӕнӕхуыцӕуттӕ бӕрзонд бынатмӕ куы схизынц, уӕд адӕм бамбӕхсынц, се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд та рӕстудтӕ сбирӕ вӕййынц.


Рӕстудтӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц, ӕнӕхуыцау хицауы бынат куы бацахсы, уӕд та хъӕрзгӕ кӕнынц.


Арв, зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныццин кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Вавилонмӕ цӕгатӕй фӕзындзысты дӕрӕнгӕнджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Дунедарӕг, Де знӕгтӕ афтӕ фесӕфӕнт! Дунедарӕджы Чи уарзы, уыдон та — тӕмӕнкалгӕ хуры ӕнгӕс! Дыууиссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan