6 Рӕстуды сӕрыл — арфӕты кады худ; ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.
Паддзах фӕстӕмӕ куы ӕрбацыди ӕмӕ Аманы Естеры бадӕны раз гуыбырӕй куы федта, уӕд фӕхъӕр кодта: «Ӕхсин-паддзахмӕ дӕр ма дӕ зӕрдӕ бахъазыди мӕ тӕккӕ хӕдзары?!» Куыддӕр паддзахы дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ схаудтой, афтӕ хъахъхъӕнджытӕ Аманы ацахстой.
Мӕлӕтӕй-иу кӕй фервӕзын кодтон, уый мын-иу раарфӕ кодта, мӕ фӕрцы-иу идӕдзы зӕрдӕ срухс ис.
Рӕстуды ӕвзаг — дзӕм-дзӕмы суадон, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.
Сӕрды тыллӕг чи ӕмбырд кӕны, уый зондджын лӕппу у, хуымгӕрдӕн афон фынӕй чи кӕны, уый та — ӕдылы.
Йӕ мӕнӕу чи ’мбӕхсы, уый адӕм ӕлгъитгӕ кӕнынц, фӕлӕ дзы чи уӕй кӕны, уый арфӕты бын фӕуыдзӕн.
Фӕлӕ азымджыны чи бафхӕры, уыдон ӕнтыстджын ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты.
Иузӕрдион адӕймаг — сӕдӕ хатты арфӕгонд, мулкыл хӕлоф чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
Дунедарӕджы ’лгъыст ӕнӕхуыцауы хӕдзарыл сӕмбӕлы, рӕстуды хӕдзарыл та ӕруадзы Йӕ арфӕ.
Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.
Де ’фсымӕр Йаковы кӕй ӕфхӕрдтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, сыскъуыйдзынӕ мыггагмӕ.
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай, уӕд дыл мӕнӕ ацы арфӕтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты.