32 Рӕстуды ’взаг хъӕугӕ ныхас зоны, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг — зианхӕссӕг.
Рӕстгӕнджыты арфӕтӕй сахар сырӕзы, ӕнӕхуыцӕутты ’взаг та йӕ ныппырх кӕны.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Ӕнӕхуыцауы ныхӕстӕ — туг ныккалынӕн асадӕн, фӕлӕ рӕстуды ’взаг адӕмы фервӕзын кӕны.
Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.
Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.
Уӕлзонд-иу дӕ фервӕзын кӕндзӕн галиу фӕндӕгтӕй ӕмӕ сайӕгойтӕй;
Сайӕн ныхас ма ссӕуӕд дӕ дзыхӕй, мӕнг ныхас де ’взагӕй фӕсур.
Ӕнаккаг ӕмӕ фыдгӕнӕг чи у, уымӕн мӕнг ныхас йе ’взагӕй нӕ хизы.
Куырыхоны ныхас фарн хӕссы, ӕдылыйы йе ’взаг сафгӕ кӕны.
Хуыцауы ныхас амонӕг архайдта аив ныхӕстӕ ссарыныл, ӕмӕ, ӕцӕгдзинад цы дзырдты ис, уыдон ныффыста раст.
ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“
Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса.