29 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕн Дунедарӕджы фӕндаг — хъахъхъӕнӕг мӕсыг, фыдгӕнӕджы та тасы ’фтауы.
Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?
Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ Дунедарӕг Йӕ цӕст дары, фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.
Ӕнӕхуыцау рӕстгӕнӕджы ныхмӕ аразы фыдвӕндтӕ, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ӕм цӕуы,
Мӕ фыдгултӕ та фидар кӕнынц сӕ царды, ӕнӕ ’фсонӕй ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон сбирӕ сты.
Ау, нал нӕ раздахдзынӕ цардмӕ, цӕмӕй Дӕ адӕм цин кӕной, Ды семӕ кӕй дӕ, ууыл?
Ӕнӕхуыцауӕн йӕ зӕрдӕдарӕн йемӕ амӕлдзӕн, фыдгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ баззайдзысты.
Раст адӕймаг раст фӕндагыл цӕуы, тӕригъӕдджыны йе ’наккагдзинад фесафы.
Раст тӕрхон рӕстудӕн — цины хос, фыдгӕнӕг та дзы тӕрсгӕ кӕны.
Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».
Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг.
Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.