28 Рӕстудӕн йӕ зӕрдӕдарӕн цин хӕссы, ӕнӕхуыцауӕн йӕ бӕллицтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты.
Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».
Афтӕ у, Хуыцауы чи ферох кӕны, уыдоны хъуыддаг дӕр, ӕнӕхуыцау адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ амӕлы.
ӕнӕхуыцау лӕбурджытӕй, чи мыл ӕрхъула кодта, уыцы знӕгтӕй.
Ӕрдиаг кӕнын дӕр нал у мӕ бон, мӕ хъӕлӕс ныффӕсус ис. Мӕ цӕстытӕ ныуурс сты, мӕ Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.
Рӕстудты бӕллицтӕ фарн хӕссынц, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ зӕрдӕдарӕн маст расайдзӕн.
Ӕнӕхуыцауӕн йӕ зӕрдӕдарӕн йемӕ амӕлдзӕн, фыдгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ баззайдзысты.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Ӕнӕхуыцауӕн йӕ тӕригъӕд — йӕ къӕппӕг, рӕстуд та цин кӕны ӕмӕ райы.
Уӕ ныфс уын цины хос уӕд; зынтӕн фӕразут, ӕвӕллайгӕ кувут.
Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау