27 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый бирӕ цӕры, ӕнӕхуыцауӕн йӕ азтӕ нымад сты.
Уаз дӕ Ды, Израилы кады зарджыты астӕу Дӕ паддзахы бадӕны бадыс.
цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис!
Дунедарӕгӕй тас — царды гуырӕн, уый фӕрцы мӕлӕты ахсӕн хызӕй фервӕздзынӕ.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уый ӕдас уыдзӕн, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды ’рхаудзӕн.
Уӕлзондӕн йӕ рахиз къухы — бирӕ цӕрӕнбон, йӕ галиуы — хъӕздыгдзинад ӕмӕ цыт.
дӕ царды бонтӕ ӕмӕ дӕ азты нымӕц фӕфылдӕр уыдзысты, фарн дын ӕрхӕсдзысты.
Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис.
Фӕлӕ ӕвзӕр митӕ дӕр ӕгӕр бирӕ ма кӕн, ӕдылыты ма фӕзм — афонӕй раздӕр мӕрдтӕм цӕмӕн тагъд кӕныс?
Хуыргарк, йӕхӕдӕг кӕй не ’рӕфтыдта, уыцы ӕйчытыл къуыртты фӕбады. Уый ӕнгӕс у, мӕнгард миты фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыцы адӕймаг. Йӕ кары тӕмӕны алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн ӕмӕ ӕдылыйы бынаты баззайдзӕн.
Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“
цӕмӕй, Дунедарӕг кӕмӕй расомы кодта, уӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ йӕ сӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрат.