25 Зилгӕ дымгӕ рацыди — ӕнӕхуыцау фесӕфти, рӕстуд та мыггагмӕ фидар уыдзӕн.
Раст лӕг йӕ фӕндагыл фидар хӕцы, йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты, уымӕн йӕ тыхыл фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтдзӕн.
Ӕрбайсӕфдзӕни фынау, ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау.
Хъуамӕ уыдон, дымгӕ кӕй систа, уыцы хъӕмпыхалы, зилгӕ дымгӕ кӕй ахаста, уыцы цъӕмӕлты ’нгӕс уаиккой.
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг Сионӕн йӕ уацайрӕгты ӕрбаздӕхта, уӕд нӕм уый фын фенӕгау касти.
Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.
Ды — мӕ хъару, ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл; Ды — мӕ ныфсы мӕсыг.
Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты сӕгад кӕндзынӕ.
Уадтымыгъау уӕм бӕллӕх куы фӕзына, зилгӕ дымгӕйау уӕм куы ’рбабырса, маст ӕмӕ хъыджы бын куы фӕуат,
Рӕстуд мыггагмӕ нӕ фӕцуддзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕ зӕххыл нӕ баззайдзысты.
Фыдгӕнӕг зӕххыл не ’рфидар уыдзӕн, раст адӕймагӕн йӕ уидаг фидар у.
Ӕнӕхуыцау ӕрхауди — ӕмӕ нал ис, рӕстуды хӕдзар нӕ фенкъуысдзӕн.
Куыддӕр сӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕцой ӕмӕ зӕгъой, мӕнӕ ныр нӕ къӕхтыл фидар слӕууыдыстӕм, зӕгъгӕ, афтӕ сыл Дунедарӕг дымгӕ радымын кӕндзӕн, ӕмӕ бахус уыдзысты. Уаддымгӕ сӕ ахӕсдзӕни зыгуымау.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.
ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард.
Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».