Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 10:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Ӕнӕхуыцӕуттыл, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕттӕ ’рцӕудзысты, рӕстудты бӕллицтӕ сӕххӕст уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 10:24
16 Iomraidhean Croise  

Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.


Цӕмӕй-иу тарстӕн, уый мыл ныр ӕрцыд, Цӕмӕй стъӕлфыдтӕн, уый мӕ баййӕфта.


Мӕ Хуыцау! Мӕ Хуыцау! Цӕмӕн мӕ ныууагътай? Куыд дард дӕ мӕнӕй, куыннӕ мӕ фервӕзын кӕныс, куыннӕ Дӕм хъуысы мӕ дзыназын?


Дӕ азарӕй мӕ буарыл ӕгас бынат нал баззад; мӕ тӕригъӕдты фыдӕй ме стджыты рыст нал ӕнцайы.


Уӕдӕ уын ӕз дӕр уӕ фыдбылызыл фӕхуддзынӕн, ӕвирхъау тас уыл куы бахӕца, уӕд хынджылӕг кӕндзынӕн.


Уадтымыгъау уӕм бӕллӕх куы фӕзына, зилгӕ дымгӕйау уӕм куы ’рбабырса, маст ӕмӕ хъыджы бын куы фӕуат,


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Гъемӕ фыр тӕссӕй ӕмризӕджы куыд ризат, афтӕ уӕ бафхӕрдзынӕн Ӕз дӕр. Уымӕн ӕмӕ уӕм сидтӕн, ӕмӕ Мын дзуапп нӕ радтат, дзырдтон уӕм, ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Ме ’вастӕй ныххӕцыдыстут фыдракӕндтыл, кодтат, Мӕнӕн фӕндон цы нӕу, уыдӕттӕ».


Кардӕй тӕрсут, ӕмӕ уӕ Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Паддзах йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: „Паддзах Навуходоносор, байхъус! Дӕ паддзахдзинадӕн йӕ кӕрон ӕрцыд.


Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.


Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн — фӕстӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзынӕн.


Ныронг ницы куырдтат Мӕ номӕй. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ циндзинад уыдзӕни ӕххӕст.


ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр баззади тӕрхонмӕ, стӕй, Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕ мыггагмӕ цы ӕвирхъау арты амӕттаг фӕуыдзысты, уымӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan