19 Бирӕ чи дзуры, уый тӕригъӕдӕй йӕхи нӕ бахиздзӕн, йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый зондджын у.
«Дӕргъвӕтин ныхасӕн дзуапп нӕй, ӕнхъӕлыс? Бирӕ чи дзуры, дӕумӕ гӕсгӕ, раст уый вӕййы?
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
Ӕдылы йӕ хионы сӕгад кӕны, фӕлӕ зондджын ницы сдзуры.
Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны, ӕууӕнкджын адӕймаг — ӕдзӕм.
Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы, зондцух та йе ’дылыдзинад равдисы.
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар.
Лӕг бирӕ цӕуылдӕрты куы фӕтыхсы, уӕд фынтӕ фӕуыны, афтӕ ӕдылы дӕр йӕ бирӕдзурагӕй бӕрӕг дары.
Хуыцауы раз дзырд куы раттай, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй сӕххӕст кӕн. Хуыцау ӕдылытыл нӕ ауды, лӕг хъуамӕ йӕ ныхасӕн хицау уа.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.
Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.