18 Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы; ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы.
Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.
Мӕ зӕрдӕ — цӕф, бахус ис кӕрдӕгау, хӕрды мӕт дӕр мӕ ферох ис.
Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?
Зӕххыл Дын чи ис, Дӕ уыцы диссаджы сыгъдӕджытӕм, ӕз тырнын зӕрдиагӕй.
О Дунедарӕг, Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз! Ме знӕгты фыдӕнӕн мын слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг!
Дӕ хорзӕхтӕй схайджын кӕн Сионы, Йерусалимы систӕ самай!
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу.
Уыдон иууылдӕр хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, кӕрӕдзиуыл цъыфкалӕн кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы цӕрынц. Ӕрхуы ӕмӕ ’фсӕйнагӕй уӕлдай не сты, иууылдӕр схъахбай сты.
Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
ӕмӕ дзы ноджы тынгдӕр старсти. Цӕрӕнбонтӕм ын знаг сси.