13 Зондджынӕн йе ’взагыл уӕлзонд цӕры, ӕдылыйӕн та йӕ фӕсонтыл уисӕй над ауайы.
Уымӕн ӕмӕ Уый загъта — ӕмӕ сӕххӕст ис; Уый бардзырд радта — ӕмӕ сси афтӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй февзид Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл мӕтыхтӕ ныццӕвдзысты сӕхи, бахӕрдзысты, ихы фӕстӕ ма йыл цы зайӕгойтӕ аззад, уыдон».
Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц, зондцухты та се ’дылы зонд фесафы.
Рӕстуды ӕвзагӕй уӕлзонд тӕдзы, фыд ӕвзаг та къуырд ӕрцӕудзӕнис.
Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!
Куырыхоны ’взаг зонынад тауы, ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.
Йӕ зӕрдӕйы уӕлзонд кӕмӕн цӕры, уый зондджын хондзысты; йӕ дзыхы ныхас ӕхцон кӕмӕн у, ууыл фылдӕр ӕууӕнддзысты.
Зондджыны уайдзӕф куыд фӕрӕхойдзӕн, афтӕ зондцухмӕ сӕдӕ цӕфы нӕ бахъардзысты.
Ӕдзӕсгом ӕнӕ тӕрхонӕй нӕ баззайдзӕн, ӕдылыйы рагъ та — ӕнӕ надӕй.
Дунейы ис сыгъзӕрин, ис налхъуыт-налмастӕ, фӕлӕ уыдонӕй зынаргъдӕр — бирӕзонаг ӕвзаг.
Бӕхӕн — ехс, хӕрӕгӕн — идон, ӕдылыйы рагъӕн та — уис.
Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
Лӕппу араст ис йӕ фӕдыл — гал ӕргӕвдӕнмӕ куыд фӕцӕйцӕуы, саг къӕппӕгмӕ куыд фезгъоры,
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»