Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 10:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йӕ цӕстытӕ чи ныкъулы, уый исты фыдбылыз сараздзӕн, ӕдылы ӕмӕ къӕбӕда чи у, уый фыдбылызы бахаудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 10:10
9 Iomraidhean Croise  

Дӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕдӕм цӕуыс, уыцы сӕрхызтӕй дӕ ных кӕдӕм сарӕзтай,


Куырыхонтӕ хъахъхъӕнынц зонынад, ӕдылыйӕн та йе ’взаг йе сӕфт хӕстӕгдӕр кӕны.


Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст, дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у, уый та фыдбылызы бахаудзӕн.


Цъынддзӕстӕй чи кӕсы, уый фыдвӕндтӕ аразы, йӕ былтыл йӕ дӕндӕгтӕй ӕрхӕц-ӕрхӕц чи кӕны, уый фыдбылызы фӕндтӕ нывӕнды.


Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.


Куы йӕ цӕст ӕрныкъулы, куы йӕ къах зӕххыл ӕртъӕпп кӕны, куы та йе ’нгуылдзтӕй цыдӕртӕ амоны.


Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы, ӕмӕ йӕм уый дӕр фаг нӕ кӕсы, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты йӕхӕдӕг дӕр нӕ уазӕг кӕны ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр ӕвӕры цӕлхдуртӕ ӕмӕ сӕ тӕры аргъуанӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan