Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 10:1
16 Iomraidhean Croise  

Соломон ӕрымысыд ӕртӕ мин ӕмбисонды, иу мин ӕмӕ фондз та йӕм уыди зарджытӕ.


Соломоны, Израилы паддзах Давиды фырты, ӕмбисӕндтӕ:


Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.


Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.


Ӕдылыйы ныййарӕг — додойаг, зондцухы фыд цин нӕ кӕны.


Ӕдылы фыртыл йӕ фыд хъынцъым кӕны, йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


Ӕдылы лӕппу йӕ фыды фенамонд кӕны; зындзӕрин ус — хуынкъ цары ’нгӕс.


Мӕнӕ Соломоны иннӕ ӕмбисӕндтӕ, ӕрӕмбырд сӕ кодтой Иудейы паддзах Езекиайы барджынтӕ.


Зондджын у, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕ дӕ куыд райа, афтӕ, ӕмӕ уӕд, ме ’фхӕрджытӕн цавӕр дзуапп раттон, уый зондзынӕн.


Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.


Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн.


Уӕлзонд чи уарзы, уымӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы; хӕтаг сылтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ хӕдзары исбон ныкъкъуыввитт кӕны.


Хуыцауы ныхас амонӕг куырыхон лӕг уыди, адӕмӕн-иу зонд амыдта; алцыдӕр бафӕлвӕрдта ӕмӕ басгӕрста, бирӕ ӕмбисӕндтӕ ныффыста.


Ӕмӕ йӕ чи зоны, ӕдылымӕ ӕви зондджынмӕ ’рхаудзысты, уый? Мӕ тухӕнты ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы мӕ къухы цы фӕллӕйттӕ бафтыд, уыдонӕн ӕндӕр исчи хицау суыдзӕн. Фӕлӕ та уыдон дӕр аивгъуыйдзысты!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan