Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 уый дӕ сӕрӕн — диссаджы кады худ, дӕ хъуырӕн — фӕрдгуытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 1:9
16 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


дзӕккортӕй ӕмӕ фӕрӕттӕй нывӕфтыдтӕ ныссастой.


Уыдоны фӕрцы цӕрдзынӕ, дӕ хъуырыл сӕ бакӕндзынӕ фӕрдгуытау.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —


Рӕсугъд кады худ дын ӕркӕндзӕн дӕ сӕрыл, диссаджы кады худ дын балӕвар кӕндзӕн.


Сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ дын сараздзыстӕм, саив сӕ кӕндзыстӕм ӕвзистӕй.


Мӕ хо, мӕ къайаг, зӕрдӕскъӕфт мӕ фӕкодтай дӕ иу бакастӕй, ӕрмӕст дӕ хъуырыл ауыгъд фӕрдгуытӕй!


хъусцӕджытӕ, цонгдарӕнтӕ, цӕсгомӕмбӕрзӕнтӕ, сӕрбӕттӕнтӕ ӕмӕ къахылдарӕн рӕхыстӕ, рӕттӕ, хӕрздӕфгӕнӕнты къоппытӕ, дӕсныйы чингуытӕ,


Махӕн нӕ фыдӕл Йонадав, Рехавы фырт, цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм: никуы нуӕзтам сӕн — нӕдӕр нӕ устытӕ, нӕдӕр нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ, нӕдӕр нӕхӕдӕг,


Рӕсугъд дӕ сфӕлыстон, дӕ къухтыл дын бакодтон цонгдарӕнтӕ, дӕ хъуырыл та фӕрдгуытӕ.


Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».


Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan