Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 ӕнӕхинты арфуынӕг скӕндзысты, зонынад сын ратдзысты, зондӕй сӕ схайджын кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 1:4
19 Iomraidhean Croise  

Ныр ӕз зонын, Дунедарӕг Йӕ байсӕрст паддзахы кӕй ирвӕзын кӕны. Йӕ уаз уӕлӕрвтӕй йын фехъусы йӕ сидт, Йӕ рахиз къухы хъомысӕй йын ратты уӕлахиз.


Тӕрхоны раз мӕ ныхмӕ ралӕууыдысты ӕгъатыр мӕнгӕвдисӕнтӕ, цы нӕ зонын, уыдӕттӕй мӕ фӕрсынц.


Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис, раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.


Ӕз Уӕлзонд дӕн, раст зондахаст мемӕ ис, зонынад ӕмӕ дардуынӕг зонд мӕнмӕ сты.


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ: мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!


Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!


Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.


Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“


Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.


Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan