33 Чи мӕм хъусы, уый та цӕрдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдасӕй, фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».
Кӕд Йӕ коммӕ бакӕсой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, уӕд арфӕйаг уыдзӕни сӕ кӕрон, райгӕ арвитдзысты сӕ царды бонтӕ.
Раст адӕймагыл фыдбылыз не ’рцӕудзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цард — фыдбылызтӕй йедзаг.
Хуыцауы тас — фидар мӕсыг, Йӕ сабитӕн Уый у ӕмбӕхсӕн.
Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис.
Тӕригъӕдджын сӕдӕ хатты тӕригъӕд ракӕны, мӕлӕт та йӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ зонын: Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон амондджын уыдзысты.
Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.
Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.
Тӕхуды ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кодтаиккат! Уӕд уӕ амонд ивылдаид фурдау, уӕ фарн та — абухгӕ денджызау.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уӕд ацы зӕххыл ӕдасӕй цӕрдзыстут.
Зӕхх уын йӕ бӕркад дӕтдзӕн, ӕмӕ ӕфсӕст уыдзыстут.
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».
Уӕ фӕразондзинады фӕрцы-иу фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ.
Хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты кой куы фехъусат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут — раздӕр уал хъуамӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕн».
Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕрон.