Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 1:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 1:28
26 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы».


Фыдбон ыл куы акӕна, уӕд ын Хуыцау йӕ фӕдисхъӕр фехъусдзӕн?


Фӕлӕ вӕййы, дзыназынц Ӕм ӕххуысӕнхъӕл, ӕмӕ сын Уый ӕнаккӕгты сӕрыстырдзинады аххосӕй дзуапп нӕ ратты.


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у, рӕстуды куывдмӕ хъусы.


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Дуар байгом кодтон мӕ уарзонӕн, фӕлӕ уӕдмӕ уым нал уыд, ацыди. Фӕцыдӕр ис, ӕмӕ фӕцӕйтыдта мӕ зӕрдӕ, агуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ нал ардтон, сидтӕн ӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ лӕвӕрдта.


Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


Ком куы дарой, уӕд сын Ӕз сӕ кӕуын нӕ фехъусдзынӕн. Уыдон Мын иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, фӕлӕ сӕ Ӕз нӕ айсдзынӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн!»


Уыдӕтты тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырсдзынӕн. Мӕ цӕст сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Хъӕрӕй Мӕм куы дзыназой, уӕд дӕр сӕ нӕ фехъусдзынӕн».


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни.


Дунедарӕджы ныхас фехъусыны тыххӕй иу денджызӕй иннӕмӕ, цӕгатӕй скӕсӕнмӕ цӕудзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты.


Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.


Дунедарӕг сӕм куы сидти, уӕд Ӕм уыдон куыд нӕ хъуыстой, афтӕ сӕ Ӕз дӕр, куы сидой, уӕд нӕ фехъусдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтыстут, уӕд ма Дунедарӕджы раз бӕргӕ дзынӕзтат, фӕлӕ уӕм не ’рыхъуыста Дунедарӕг.


Куы фӕкурут, уӕд нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхӕн нӕ курут, фӕлӕ уӕ монцтӕ бафсадынӕн.


Уӕд ныккӕрздзыстут ӕмӕ хъаст кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзах равзӕрстат, уымӕй, фӕлӕ уӕм Дунедарӕг нал ӕрыхъусдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan