26 Уӕдӕ уын ӕз дӕр уӕ фыдбылызыл фӕхуддзынӕн, ӕвирхъау тас уыл куы бахӕца, уӕд хынджылӕг кӕндзынӕн.
Йӕ паддзахы бадӕн арв Кӕмӕн у, Уый сыл худы, худӕгӕй сыл мӕлы Дунедарӕг.
Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.
Дунедарӕг Йӕ Кувӕндоны загъта: «Ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, байуардзынӕн Шехемы зӕхх, Суккоты дӕлвӕз ныддихтӕ кӕндзынӕн.
Ӕнӕхуыцӕуттыл, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕттӕ ’рцӕудзысты, рӕстудты бӕллицтӕ сӕххӕст уыдзысты.
Зондджын ныхас адӕймаджы скадджын кӕны, ӕнахъинон зондахаст — ӕгады хос.
Ӕдзӕсгом ӕнӕ тӕрхонӕй нӕ баззайдзӕн, ӕдылыйы рагъ та — ӕнӕ надӕй.
Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.
Афтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йыл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы фесӕфдзӕн ӕмӕ йӕ ничиуал фервӕзын кӕндзӕн.
Зӕгъын уын, раздӕр кӕй хуыдтон, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн мӕ куывды фынгӕй. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл.]“»
Йӕ хорзӕхтӕ уыл куы калдта ӕмӕ уын уӕ мыггаг куы бирӕ кодта, уӕд куыд ради Дунедарӕг, афтӕ райдзӕни Уый, куы уӕ цӕгъда ӕмӕ уӕ мыггагыскъуыд куы кӕна, уӕд дӕр. Уӕхи бакӕнынмӕ цы зӕхмӕ цӕут, уырдыгӕй фӕхаудзыстут.
Ацӕут ӕмӕ, уӕхицӕн цы хуыцӕутты равзӕрстат, уыдонмӕ дзыназут. Уыдон уӕ фыдбылызӕй фервӕзын кӕнӕнт!»