21 адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым лӕгъстӕйӕ куры, сахары кулдуары раз райхъуысы йӕ ныхас:
Сахары уынгты Уӕлзонды хъӕлӕс хъуысы, фӕзты хъӕр кӕны,
«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?
Уый Уӕлзонды сидт нӕу, цымӕ? Зонды хъӕлӕс нӕ азӕлы?
сахары кулдуары цур йе ’рдиаг хъуысы, сахармӕ бацӕуӕны раз хъӕр кӕны:
Уый фӕстӕ йӕ унӕутты арвыста, цӕмӕй сахары уӕлвӕзтӕй хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕной:
Талынджы уын цы дзурын, уый зӕгъут боны рухсмӕ, ӕмӕ уын уӕ хъусы сусӕгӕй цы бадзырдӕуа, уый хъусын кӕнут уӕлхӕдзӕрттӕй.
Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон.
«Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн ног царды тыххӕй алцыдӕр дзурут».