2 уӕлзонд ӕмӕ зондамындмӕ сӕххӕссын кӕй фӕнды, уыдонӕн; куырыхонты ныхӕсты мидис бамбарынӕн;
Дунедарӕджы тас ахуыр кӕны уӕлзондыл, кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад.
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.
Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.
Уӕд бамбардзынӕ рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы, алы хорз фӕндаджы мидис.
Байхъусут, лӕппутӕ, уӕ фыды зондамындмӕ; лӕмбынӕг хъусут, ӕмӕ уӕ зондыл бафтдзӕнис.
Уӕлзондӕн зӕгъ: „Мӕ хо дӕ!“, зондимӕ хӕстӕгдзинад бакӕн.
Мӕ зондамындмӕ мын байхъусут ӕмӕ куырыхон суыдзыстут, уӕхи йыл ма атигъ кӕнут.
Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!