11 Цыбӕл дӕ кӕндзысты: «Цом немӕ, ӕмӕ ӕнаххосты бахъахъхъӕнӕм, сӕ размӕ бабадӕм, сӕ туг сын ныккалӕм;
Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн, саувадыг мигътӕ ӕртыхстысты Йӕ алыварс.
Дӕ рӕстад — Хуыцауы хӕхтау бӕрзонд, Дӕ раст тӕрхон — ӕнӕбын хуыдымау! Адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр аудыс, Дунедарӕг!
О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!
уымӕн ӕмӕ уыдон фыдбылыз саразынмӕ, искӕй туг ныккалынмӕ тагъд кӕнынц.
Ӕнӕхуыцауы ныхӕстӕ — туг ныккалынӕн асадӕн, фӕлӕ рӕстуды ’взаг адӕмы фервӕзын кӕны.
Ӕнӕхуыцау! Рӕстуды хӕдзары раз асадӕны ма бад, йӕ хӕдзар ын ма сафтид кӕн,
Хуыснӕджы ’мбал йӕхицӕн знаг у: давӕджы куыд ӕлгъитынц, уый хъусы, фӕлӕ йӕ дзыхыл хӕцы.
Иуӕй-иутӕн сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ, се ’фсӕртӕ — кӕрдтӕ, цӕмӕй мӕгуырты ӕмӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи у, уыдоны ныхъуырой.
Мӕн та, ӕууӕндаг уӕрыккау ӕргӕвдынмӕ фӕцӕйкодтой, мӕ ныхмӕ мын цы фыдвӕндтӕ аразынц, уый нӕ зыдтон. Уыдон загътой: «Фесафӕм дидинӕгкалӕг бӕлас, уадз ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн мауал уа, ферох уа йӕ ном».
Мӕ адӕмы ’хсӕн ис фыдгӕнджытӕ. Мӕргъты чи ахсы, уыдонау рӕсӕны бабадынц, адӕмы ахсынӕн сӕвӕрынц къӕппӕджытӕ.
Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.
Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.
Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион фехъусын кӕнут ӕфсӕддон хицауӕн, цӕмӕй Павелы райсом сымахмӕ ӕркӕнын кӕна, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут, афтӕ. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не ’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».
Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.