3 Израилы къуымты зилын байдыдтой рӕсугъд чызг агурӕг. Шунемы сахары йыл фӕхӕст сты — Авишаг, зӕгъгӕ, йӕ ном — ӕмӕ йӕ ӕрбалӕууын кодтой паддзахмӕ.
ӕмӕ йын йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Фарн дӕм бадзурӕд, нӕ хицау, нӕ паддзах, бар нын ратт ӕмӕ дын, чи дӕм зила ӕмӕ дын чи лӕггад кӕна, иу ахӕм ӕрыгон чызг бацагурӕм. Дӕ хъӕбысы хуысдзӕн ӕмӕ нын нӕ хицау, нӕ паддзахы бахъарм кӕндзӕн».
Чызг уыдис ӕмбисонды рӕсугъд. Давидмӕ зылди, лӕггад ын кодта, фӕлӕ паддзах ӕмуат никуы ӕрцыд йемӕ.
Афтӕмӕй араст ис ӕмӕ бахӕццӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ, Кармелы хохмӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕй дардмӕ базыдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уый уыцы шунемаг сылгоймаг у.
Иуахӕмы Елисей бацыди Шунемы сахармӕ. Уым ӕй иу бонджын сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта ӕмӕ йын фынг ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Елисей ууылты куы рацӕйцыд, уӕд-иу ӕм алы хатт дӕр бауад исты акомдзаг кӕнынмӕ.
Йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой, паддзахӕн ӕрыгон рӕсугъд чызджытӕ агурын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Паддзахы зӕрдӕмӕ цы ӕрыгон рӕсугъд фӕцӕуа, уый Ваштийы бынаты йӕ фарсмӕ ӕрбаддзӕн. Уыцы ныхӕстӕ паддзахы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ растдӕриддӕр афтӕ бакодта.
Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Изреел, Кесуллот, Шунем,
Филистимӕгтӕ ӕмбырдӕй ӕрцыдысты Шунеммӕ ӕмӕ уым рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Саул дӕр фӕсидти ӕппӕт израилӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбынат кодтой Гилбоайы хохыл.