4 Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй.
Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.
Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды, Дӕ цагъары, кад ӕмӕ радӕй Дын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивта, уый тыххӕй. Дӕ хорзӕх ӕй ис абон дӕр, ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадын кодтай йӕ фырты.
«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм куы хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон куы ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ Езекиа судзаг цӕссыг ӕруагъта.
Рӕстуды фыд фыр цинӕй райы, куырыхоны ныййарӕг йӕ цинӕн кӕрон нӕ ары.
«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ ныккуыдта.
Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.
Мӕ хъӕбултӕн зӕгъӕгау уын зӕгъын: сымах дӕр нын ӕй бафидут уымӕй — бынат нын раттут уӕ зӕрдӕты.
Фӕлӕ уыдон Фарны Уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд се ’ппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудейаг, муртаттагау цӕрыс, иудейаджы хуызӕн нӕ, фӕлӕ, уӕд муртаттӕгтӕй цӕмӕн домыс иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын?»
Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.
Сымах зонут: мах уӕ алкӕй дӕр хъомыл кодтам, фыд йӕ хъӕбулты куыд хъомыл кӕны, афтӕ —
Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ!
Курын дӕ, ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мӕ хъӕбулау чи сси, уыцы Онисимы тыххӕй.
Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.
Фыд нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ дӕ сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый куы базыдтон, уӕд тынг бацин кодтон.