Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




3 Иоанн 1:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕфсымӕртӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ, ды ӕцӕгадыл ӕнувыд кӕй дӕ ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд ӕз тынг бацин кодтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




3 Иоанн 1:3
17 Iomraidhean Croise  

Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Ӕвзӕрдзинадыл нӕ райы, цин кӕны рӕстадыл.


Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.


Кӕдфӕнды ма кувон уе ’ппӕты тыххӕй дӕр — алы хатт, цингӕнгӕ, фӕкувын.


Нӕ уарзтӕн йӕ бындур у, нӕ зӕрдӕты чи ис ӕмӕ мыггагмӕ немӕ чи уыдзӕн, уыцы ӕцӕгад.


Фыд нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ дӕ сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый куы базыдтон, уӕд тынг бацин кодтон.


Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы, ӕмӕ йӕм уый дӕр фаг нӕ кӕсы, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты йӕхӕдӕг дӕр нӕ уазӕг кӕны ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр ӕвӕры цӕлхдуртӕ ӕмӕ сӕ тӕры аргъуанӕй.


Мӕ уарзон хӕлар, ӕз кувын, цӕмӕй уай ӕнӕниз ӕмӕ дын алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыса, дӕ удӕн куыд ӕнтысы, афтӕ.


Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй.


Мӕ уарзон хӕлар, ӕфсымӕртыл, стӕй дзы кӕй нӕ зоныс, суанг уыдоныл дӕр кӕй узӕлыс, уымӕй дӕр иузӕрдион дӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan