1 Хистӕрӕй — мӕ уарзон Гаймӕ, ӕцӕгӕй кӕй уарзын, уымӕ.
Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм.
Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг ауади. Адӕм ӕрцахстой Павелы македойнаг ӕмбӕлццӕттӕ Гайос ӕмӕ Аристархы ӕмӕ ӕмгуылфӕй атындзыдтой театрмӕ.
Павелимӕ [Асимӕ] уыдысты вериаг Сопатр — Пирры фырт, фессалоникӕгтӕ Аристарх ӕмӕ Секунд, дервиаг Гайос ӕмӕ Тимофей, стӕй асиӕгтӕ Тихик ӕмӕ Трофим.
Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.
Бузныг дӕн Хуыцауӕй, Крисп ӕмӕ Гайосы йеддӕмӕ сымахӕй кӕй никӕуыл саргъуыдтон, уый тыххӕй.
Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы хъизӕмӕрттӕн ӕвдисӕн ӕмӕ, цы кад хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ:
Мӕ хуртӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй ма уарзӕм, фӕлӕ нын зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй.
Мӕ уарзон хӕлар, ӕз кувын, цӕмӕй уай ӕнӕниз ӕмӕ дын алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыса, дӕ удӕн куыд ӕнтысы, афтӕ.