7 Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй хъахъхъӕд цӕуынц артӕн — Тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр.
Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг мӕ кӕн тӕригъӕдтӕй Де стыр уарзты хатырӕй.
Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл! Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр! Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау, зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау, йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг. Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр, Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.
Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.
Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,
Уӕдӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн цы бон ныллӕудзынӕн, уымӕ! Мӕнӕ уын Мӕ тӕрхон: Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн адӕмты ӕмӕ ӕппӕт паддзахӕдтӕм фӕсиддзынӕн, цӕмӕй сыл Мӕ маст ныккалон, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх Мӕ зӕрдӕхсайды артӕй басудздзӕн.
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Тӕрхоны бон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.
Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны Бон Тир ӕмӕ Сидонӕн сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.
Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны Бон Содомы зӕххӕн дӕуӕй ӕнцондӕр уыдзӕни».
Зӕгъын уын: сӕ алы ӕнӕрхъуыды ныхасы тыххӕй дӕр адӕм Тӕрхоны Бон дзуапп ратдзысты.
Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй-иу куы рацӕйцӕуат, уӕд та-иу уӕ къӕхты рыг ацӕгъдут — азымджын кӕй сты, уый ӕвдисӕнӕн».
Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.
Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.
алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг рабӕрӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг бафӕлвардзӕн арт, ӕмӕ арты сбӕрӕг уыдзӕн, цавӕр ын у, уый.
ӕмӕ ӕппындӕр уӕ ныхмӕлӕуджытӕй кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе ’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут.
Мачи уӕ макуыд асайӕд — мацы хуызы. Уымӕн ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ уа Хуыцауы ныхмӕ стыр ныхмӕлӕуд, ӕмӕ фӕзына фыддзинады буарыдзыд фӕлгонц — мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастӕуыд, уыцы адӕймаг.
Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.
Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у.
Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,
Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.
ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы ӕрцыды бонмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ апырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты.
Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм Тӕрхоны Бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.
Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.
Раздӕр чи уыди ӕмӕ ныр чи нал ис, уыцы сырд у ӕстӕм паддзах — авд паддзахӕй иу, ӕмӕ йӕ мӕлӕт ссардзӕн.
Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис. Уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт. Дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ фыст не сты, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.
Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр.