Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Петр 3:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 «Кӕм ис, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Чырыстийы уыцы дыккаг ӕрцыд? Уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр амардысты, фӕлӕ дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ ӕппӕт дӕр баззад, цы уыдис, уымӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Петр 3:4
20 Iomraidhean Croise  

Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.


Цы уыди, уый уыдзӕн, цы ’рцыди, уыдӕттӕ та ’рцӕуынц, арвы бын ногӕй ницы ис.


Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.


Алчи мын дзуры: «Цӕй, кӕм ис Дунедарӕджы ныхас? Сӕххӕст уӕд!»


Уыдон зӕгъынц, „Хӕдзӕрттӕ аразыны афон тагъд нӕма ӕрцӕудзӕн. Ацы сахар у аг, мах та — дзидза“.


Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»


Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ».


Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты хӕдмӕлхор мӕргътӕ дӕр.


Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау нырма рӕхджы не ’рцӕудзӕни, зӕгъгӕ,


Фӕлӕ райдианы Хуыцау „сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы“.


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕрцӕудзӕн, дунесфӕлдыстӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр чи нал ӕрцӕудзӕн, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх.


Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхинымӕр афтӕ куы зӕгъа, цӕй, мӕ хицау нырма рӕхджы нӕ фӕзындзӕни, ӕмӕ уыйадыл лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, нуӕзтыл куы схӕца ӕмӕ расыгӕй куы цӕуа,


Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.


Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй, нӕ Бардарӕг Йесо куы ’рцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг.


ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы ӕрцыды бонмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ апырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты.


Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan