Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Петр 3:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Петр 3:3
17 Iomraidhean Croise  

«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?


Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.


Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.


Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕрбайхъусут, Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕввӕрсон барджынтӕ!


Уӕд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕфхӕрджытӕн, се сӕфт ӕрцӕудзӕни фидисгӕнджытӕн, бабын уыдзысты, фыдбылызтӕ аразынмӕ чи бӕллы, уыдон,


Уыдон зӕгъынц: «Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон, цӕмӕй Йын ӕй фенӕм, сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд, ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»


Нӕ паддзахы бӕрӕгбоны ӕлдӕрттӕ уый бӕрц сӕн бануӕзтой, ӕмӕ рынчынты хуызӕн систы, паддзах та уыцы цъаммартӕм йӕ къух бадардта.


Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.


Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, сӕ худинаггагмӕ гӕсгӕ кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы Дзырд зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр.


Зон уӕдӕ: рӕстӕджыты кӕрон ралӕудзӕн уӕззау заман.


Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста.


Фыццаджыдӕр зонут уый, ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты рагуацтай иуӕн дӕр адӕймаджы хъаруйӕ райхалӕн нӕй,


уӕлдайдӕр та, чъизи монцты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн. Сӕрхызт ӕмӕ ӕнаккаг, ахӕм адӕм, уӕларвон тыхтыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ, уыдонӕн сӕ азарӕй дӕр нӕ тӕрсынц.


Сабитӕ, рӕстӕджы кӕрон ӕрхӕццӕ! Куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныридӕгӕн дӕр Чырыстийӕн фӕзынди бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый.


Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд.


Уыдон уын дзырдтой, зӕгъгӕ, рӕстӕджы кӕрон фӕзындзысты, сӕ ӕнӕхуыцау монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan