Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Петр 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Афтӕ Павел фыссы йе ’ппӕт фыстӕджыты, уыдӕтты кой куы фӕкӕны, уӕд. Йӕ фыстыты ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ ӕнӕфенд ӕмӕ, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц Сыгъдӕг Фысты иннӕ хӕйттау ӕмӕ уый аххосӕй фесӕфынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Петр 3:16
26 Iomraidhean Croise  

Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.


Соломон Дунедарӕгӕн стыр кад кӕй кодта ӕмӕ номджын паддзах кӕй сси, уый Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст, ӕмӕ йӕм ӕрбацыди базон-базонтӕй йӕ бафӕлварынмӕ.


Тугдзых домбӕйтты, лӕгхорты ахӕсты фӕдӕн. Сӕ дӕндӕгтӕ — ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ, се ’взӕгтӕ — цыргъ кӕрдтӕ.


Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.


Раст ӕвзар дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры хъаст.


Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, мачиуал сдзурӕд, уымӕн ӕмӕ сымахӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи ныхӕстӕ рагуацтӕ систы, цардӕгас Хуыцауы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ та сзыгъуыммӕ кодтат.


Ӕгъдау йӕ тых дӕр уымӕн фесӕфта, рӕстдзинад нал ис. Ӕнӕхуыцау фӕуӕлахиз рӕстгӕнӕгыл, раст тӕрхон сзыгъуыммӕ ис.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕмӕ сымах уӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй цӕмӕн халут Хуыцауы фӕдзӕхст?


уыцы адӕймаджы йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады нымайыны сӕр нал хъӕуы“. Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй.


Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых зонут.


Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.


Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.


Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.


йӕ зонд дыууӕрдӕм хӕцы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ма араза — фаг ныфс ӕм нӕ разыны.


Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, — Понты, Галатийы, Каппадокийы, Азийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм.


ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.


Израилаг адӕмы ’хсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон семӕ ӕрхӕсдзысты мӕлӕтмӕ кӕнӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕрибар сын Чи ӕрхаста, уыцы Бардарӕгыл ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕты амӕттаг сӕхи бакӕндзысты.


Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,


Уӕдӕ афтӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.


Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.


Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan