11 Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд сымах та цавӕр хъуамӕ уат? Сымах уӕ сыгъдӕг царды хъуамӕ ӕнувыд уат Хуыцауыл,
Фӕлӕ ӕз ницы хъусын къуырмайау, фӕлӕ ӕз ницы дзурын гобийау.
Йӕ цатыр ис Салимы, Йӕ цӕрӕнбынат — Сионы хохыл.
Сахары кулдуар, дзыназ! Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар! Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ — уый ӕрбацӕуы ӕфсад, бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй.
Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн.
Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи у, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Ныридӕгӕн махӕн нӕ фынӕйӕ райхъалы афон кӕй ралӕууыд, уый дӕр уын зындгонд у. Уымӕн ӕмӕ нӕм, куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй ныр ирвӕзындзинад ӕввахсдӕр у.
Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл
Махӕн та нӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр — Бардарӕг Йесо Чырыстимӕ.
Уымӕн ӕмӕ уын нӕ Фарны Уац мах хъусын кодтам ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ ӕмӕ бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕвдисӕйнӕгтимӕ. Уӕхӕдӕг зонут, сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уӕ сӕраппонд нӕхи куыд дардтам, уый.
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.
Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕввӕрсонтӕ мачи кӕнӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.
Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.
Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы,
Уырнындзинад хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы.
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».
федта йӕхи, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтӕккӕ ферох, цы хуызӕн у, уый.
Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ исчи у? Кӕд ӕцӕг ахӕм у, уӕд ӕй равдисӕд йӕ нывыл цардӕй, зондӕй гуырӕг ӕвӕлмасдзинадӕй.
фӕлӕ уӕ Ӕрхонӕг куыд сыгъдӕг у, уӕхӕдӕг дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут афтӕ сыгъдӕг.
Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.
Хуыцауы хъаруйӕ нын ис, Хуыцаумӕ кувӕджы цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ мах базыдтам Йӕ кад ӕмӕ нӕм Йӕ хорзӕхӕй Ӕрхонӕджы.
зондджынӕй уӕлдай ут хиуылхӕцгӕ, хиуылхӕцонӕй уӕлдай — фӕразон, фӕразонӕй уӕлдай ӕнувыд ут Хуыцауыл.
Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.
ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы ӕрцыды бонмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ апырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты.