Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Петр 3:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ныридӕгӕн уӕм дыккаг фыстӕг фыссын, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ. Дыууӕ фыстӕджы дӕр уын уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй архайын уӕ сыгъдӕг хъуыдытӕ райхъал кӕныныл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Петр 3:1
15 Iomraidhean Croise  

Бацамон мын Дӕ фӕндӕгтӕ, сахуыр мӕ кӕн Дӕ цӕуӕнтыл.


Асафы зондамонӕн псалом. О Хуыцау, ӕнусмӕ ныл цӕмӕн бахъоды кодтай? Цӕмӕн рафыхт Дӕ маст Дӕ сӕрвӕты дзугмӕ?


Тӕхудиаг сты сыгъдӕгзӕрдӕтӕ — уыдон фендзысты Хуыцауы.


Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.


Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.


Ӕниу, кӕд дзургӕ афтӕ кӕнӕм, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕддӕр ӕууӕндӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут ӕмӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, ууыл.


Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.


Уӕдӕ афтӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.


Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уыдӕтты тыххӕй сымах зонут ныридӕгӕн ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, хӕлд адӕмы рӕдыд фӕндагыл куыд нӕ ацӕуат ӕмӕ, фидар цӕуыл лӕуут, уымӕй куыд нӕ фӕиппӕрд уат, афтӕ.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Бардарӕгӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та — иу боны хуызӕн.


Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan