Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Петр 2:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ — аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Петр 2:5
12 Iomraidhean Croise  

Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.


Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Уыди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ заманы адӕмы ’хсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй.


уӕд дӕ ныппардзынӕн дӕлдзӕх бӕстӕм, незаманты чи амарди, уыцы адӕммӕ. Ӕрӕвӕрдзынӕн дӕ, мыггагмӕйы ӕдзӕрӕг рӕтты халдих чи у, зӕххы уыцы ӕрфыты, дӕлдзӕх бӕстӕм чи ныццыд, уыдонимӕ, цӕмӕй дӕ мидӕг макуыуал мачи ӕрцӕра. Зӕххыл цӕргӕйӕ ма чи баззайа, уыдонӕн та раргом кӕндзынӕн Мӕ кад.


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan