19 Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибарӕй, афтӕмӕй сӕхӕдӕг та мӕлӕты цагъартӕ сты, уымӕн ӕмӕ, чи кӕмӕн басасти, уый уымӕн цагъар у.
Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!
Пехуымпарты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕмризӕджы ризын! Дунедарӕджы уаз ныхӕсты тыххӕй расыгау сдӕн, цыма мыл сӕн фӕтых ис, уыйау!
Сауджын, йӕ буар тынгдӕр кӕй рафаста, уый куы фена, уӕд ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕды чи цӕуы, уый тӕригъӕды цагъар у.
Уӕд сыл, ӕнӕзӕгъинаг кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг йӕхи ныццавта ӕмӕ сын ахӕм над скодта, ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй лидзӕг фесты бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй.
Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.
Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд.
ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕ бархъомыс сыл чи сӕвӕрдта, уыцы хӕйрӕджы къӕппӕгӕй.
Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.
Кӕд сӕрибар адӕм стут, уӕддӕр уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕн ӕмбӕрзӕны хуызӕн ма суа, уымӕн ӕмӕ сымах Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ стут.
Афтӕмӕй махӕн, аргъ дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хорзӕхтӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, цӕмӕй уый фӕрцы сымах Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй схайджын уат ӕмӕ ацы дунейы тӕригъӕдджын монцты аххосӕй ма фесӕфат.
Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.