Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Петр 2:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Фӕлӕ йын йӕ азым комкоммӕ загъдӕуыди: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта ӕнӕсӕрфат мийӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Петр 2:16
8 Iomraidhean Croise  

Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы арфы; иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ, уый фехъусын кодтон. Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад.


Мӕ зонды фӕрцы архайдтон басгарын: зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдон цавӕр барӕнтӕй ис абарӕн, ӕдылыдзинад цас ӕвзӕр у, ӕррадзинад цӕйбӕрц у ӕнӕзонд.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.


Уӕдӕ кӕд ӕнӕраст мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын ӕцӕг мулк уӕ бӕрны чи бакӕндзӕн?


Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл; агъуыдау сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan