7 Хуыцауыл ӕнувыдӕй уӕлдай узӕлут ӕфсымӕртыл, ӕфсымӕртыл узӕлынӕй уӕлдай уарзут алкӕй дӕр.
Ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы зӕрдӕбынӕй уарзут; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.
Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.
Уыдӕттӕм бафтаут уарзондзинад — уый алцыдӕр бӕтты кӕрӕдзиуыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр скӕны ӕххӕст.
Бардарӕг уын раттӕд, мах уӕ цы уарзтӕй уарзӕм, ахӕм уарзондзинад, уӕ кӕрӕдзийы ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куыд уарзат, афтӕ,
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи.
Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.
Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.
Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.
Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис.
Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.
Ӕмӕ нын Уый бафӕдзӕхста, Хуыцауы чи уарзы, уый йе ’фсымӕры дӕр куыд уарза, афтӕ.