18 Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд.
Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.
Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.
Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн фыдми ӕмӕ знаггадӕн, уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы, афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.
уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Ме ’ргом раздахдзынӕн Сионмӕ, ӕрцӕрдзынӕн Йерусалимы, схондзысты йӕ рӕстдзинады сахар, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы хох та — уаз хох.
Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом сты.
Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг Йешуайӕн загъта: «Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уыцы бынат уаз у». Ӕмӕ Йешуа бакасти йӕ коммӕ.