Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Петр 1:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уӕдӕ архайдзынӕн, ацы дунейӕ куы ацӕуон, уӕд мӕ ныхӕстӕ кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл куыд лӕууой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Петр 1:15
11 Iomraidhean Croise  

Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Хуыцау! Ӕрмӕстдӕр Уый аразы диссӕгтӕ.


Хъаст дыл чи кӕны, уыимӕ тӕрхондонмӕ фӕндагыл бафидау; науӕд дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ бакӕндзӕн, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ уый ахӕстоны сбадын кӕндзӕн.


Фӕзындысты уӕларвон кадимӕ ӕмӕ дзырдтой Йесойы ахицӕныл — Хуыцауы фӕндон Йерусалимы куыд сӕххӕст кӕндзӕни, ууыл.


Ӕз ма сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд уын уый тыххӕй кӕй дзырдтон, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви?


Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.


Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры.


Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan