14 Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мын ацы буар ныууадзгӕ кӕй уыдзӕн, уый.
Мӕ цӕрӕнуат мын ахӕсдзысты йӕ бынатӕй фыййауы мусонгау. Тынуафӕг йӕ тын куыд батухы, афтӕ батухдзынӕн мӕ цард. Ды мын ӕй алыг кӕндзынӕ, тынуафӕг цӕттӕ тын куыд алыг кӕны, уыйау. Бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ.
Симон Петр Ын загъта: «Хицау, ӕмӕ Ды кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ныртӕккӕ дӕуӕн нӕй цӕуӕн, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл».
Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр — кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон — мӕн кӕй нал фендзыстут, уый.
Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.
Мӕн та рӕхджы ӕрхастӕуыдзӕн нывондӕн, ӕмӕ ацы дунейӕ мӕ ацӕуыны афон ралӕууыд.
Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ фӕстаг балц кӕдӕм вӕййы, уырдӕм мын рӕхджы цӕугӕ у. Ӕмӕ уын фӕдзӕхсын, мисхалы бӕрц дӕр ма гуырысхо кӕнут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах тыххӕй цы хӕлар ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иунӕг дӕр дзӕгъӕлы нӕ уыд. Иууылдӕр сӕххӕст сты, иунӕг дзырд дӕр дзы ӕнӕ сӕххӕст нӕ баззади.
Уӕдӕ растыл нымайын, цалынмӕ ма мӕ ацы буары цӕрын, уӕдмӕ уын уыдӕттӕ ногӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.