13 Уӕдӕ растыл нымайын, цалынмӕ ма мӕ ацы буары цӕрын, уӕдмӕ уын уыдӕттӕ ногӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
Мӕ цӕрӕнуат мын ахӕсдзысты йӕ бынатӕй фыййауы мусонгау. Тынуафӕг йӕ тын куыд батухы, афтӕ батухдзынӕн мӕ цард. Ды мын ӕй алыг кӕндзынӕ, тынуафӕг цӕттӕ тын куыд алыг кӕны, уыйау. Бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ.
Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны.
Стӕм ныфсджын ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ нӕхи хӕдзары, Бардарӕгмӕ, ӕрцӕрын.
Уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе ’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.
Мӕ нысан у Чырыстийы, ома мӕрдтӕй Йӕ цы тых райгас кодта, уый базонын, Йӕ хъизӕмӕртты хай Йын бавзарын ӕмӕ, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын,
Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.
Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.
Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр.
Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мын ацы буар ныууадзгӕ кӕй уыдзӕн, уый.
Ныридӕгӕн уӕм дыккаг фыстӕг фыссын, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ. Дыууӕ фыстӕджы дӕр уын уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй архайын уӕ сыгъдӕг хъуыдытӕ райхъал кӕныныл.