Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Иоанн 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Чырыстийы ахуырадмӕ гӕсгӕ чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ ӕндӕр фӕндагыл цӕуы, уымӕн хай нӕй Хуыцауӕй; уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уымӕн та хай ис Фыдӕй дӕр ӕмӕ Фыртӕй дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Иоанн 1:9
15 Iomraidhean Croise  

Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.


Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис.


Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой.


сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ се ’ппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.


Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.


Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».


Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не ’ргом аздахӕм, хъомыл адӕймагӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ — мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл,


Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийӕн ӕмкусджытӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл фидарӕй кӕронмӕ куы хӕцӕм, уӕд.


Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.


Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут


Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф мах ницӕмӕ дары.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan