Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




2 Иоанн 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Нӕ уарзтӕн йӕ бындур у, нӕ зӕрдӕты чи ис ӕмӕ мыггагмӕ немӕ чи уыдзӕн, уыцы ӕцӕгад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




2 Иоанн 1:2
11 Iomraidhean Croise  

Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы —


Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.


Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз кӕнын Фарны Уацы сӕраппонд, цӕмӕй йын суон ӕмкусӕг.


Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.


Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.


Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы дӕ мадымад Лоидӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕйы зӕрдиаг уырнындзинад. Дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын.


Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр.


Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм, ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.


Ныффыстон уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды. Ныффыстон уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы дзырд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы.


Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan