2 ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ — цыма дӕ мадимӕ дзурыс, афтӕ; дӕхицӕй кӕстӕр сылгоймӕгтимӕ — дӕхи хотимӕ дзурӕгау, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.
Уымӕн ӕмӕ, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».
Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.
Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.
Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕввӕрсонтӕ мачи кӕнӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.
Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн амоныс, афтӕ. Кӕстӕртимӕ дзур, дӕхи ’фсымӕртимӕ дзурӕгау;
Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн.
Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.